Дато Турашвили - ацы  бæстæйы  алчи дæр æлгъиты,  сæ нымæцы Звиад Ратиани дæр,  фæлæ  уый нæу æгъгъæд бындур,  цæмæй  йæ фыднад скæной цалдæр полициагæй
Дато Турашвили - ацы бæстæйы алчи дæр æлгъиты, сæ нымæцы Звиад Ратиани дæр, фæлæ уый нæу æгъгъæд бындур, цæмæй йæ фыднад скæной цалдæр полициагæй

Фыссджытæ, рауагъдадтæ, æмæ   Гуырдзыстоны  пен-центры минæвæрттæ,  поэт Звиад Ратианийы  хъуыддагмæ гæсгæ,  иумæйаг фидиуæн   сарызтой.

«Адæймаг фыднад  у.  Фæбæрæг йæм ис  уæззау  формæйы   магъзы æнкуыст æмæ  ноджы  уый дзурынц, цæмæй  дам æлгъыста.  Полицийы функци  нæу   кантрол кæна  цы дарæсы конд стæм уый.  Махæн нæй  уæздан полици»  –  банысан кодта  Гиорги  Лобжанидзе.

Фыссджытæ  уыцы  видеоæрмæгы    публикацийы рауадзын курынц,    кæцы с ныхстæм гæсгæ,   Звиад Ратианийы  нады факты æвдисы.

«Звиад Ратиани у  номдзыд адæймаг,  ер  ахъуыды кæнут, куыд  дарынц сæхи,  æнæзонгæ адæмы ныхмæ.  Курæм    равдисат нын уыцы 8 уæнгы,  кæцытæ фыднад скодтой  Ратианийы» –  дзуры  Лаша Бугъадзе.

«Уый тыхзхæй  цмæй  криминалимæ тох кæнай,  рейдтæ  нæ фæлæ    æнæмæнгхъæугæ у  ахуырад,  зондджындзинад æмбаргæдзинад.  Факт у,ц æмæй  абон   полицийы ис  бирæ æнæпрофессионал,  æнæквалифициргонд,  æппын ахуыр чи нæ у ахæм адæймгтæ,  кæцытæ нæ зонынц,  цы у адæймаджы бартæ.  Искæйты исынц уый  тыххæй,  цæмæй   искæй  бафхæрой.   Раст ацы хъуыддаджы амæттаг у Звиад  Ратиани.  Фæнадтой йæ, бафхæрдтой йæ  æрмæст уый тыххæй, цæмæй   уыд  æнцон бафхæринаг, ахæм  хуызджын  курткъæ йыл уыд.    Уый у  махæн нæрайсгæ.  Цæрæм ахæм бæстæйы,  цы  ран  полицийы  рауадзынц цуанмæ.  Мах æнхъæлдтам, ныфсджын уыдыстæм,   цæмæй  алцыппæт ахæм ныууагъдтам ивгъуыды.    Хъыгагæн   кæцы  хицауад раивдтам фæлæ   нын уæддæр нæ бантыст  уый цæмæй хицауады  разыной æмбаргæ  адæм, райсой ахæм скуыддзаг цæмæй сæхи дард  дарой  советон  ивгъуыдæй.   Криминалимæ тох, криминалон методтæй  ницы хорзы æрхæссæг у.  Полициаг   æнæнтыст  криминалон менталлитеты  хæссæг куы у,  уæд  уый тæссаг у  дзыллæйæн.  Нæй гæнæн мах   саразæм нырыккон  паддзахад  уым цыран адæймаджы бартæ  йафынц æфхæрд.    Бынтон   æнахъуаджы у хицауады архайд равдисой нын   æлгъысты  къадртæ. Уойæ  раст  ацы  бæстæйы  алчи дæр æлгъиты,  сæ нымæцы Звиад Ратиани дæр,  фæлæ  уый нæу æгъгъæд бындур,  цæмæй  цалдæр полициаг фæнæмой, Звиад Ратианийы кæнæ  Гуырдзыстоны  æндæр  æмбæстагы» –  расидтис Дато Турашвили.

Поэт Звиад Ратианийы  хъуыддагмæ гсгæ, МХМ-ы  радон фидиуæн сырæзт.

Министры  хæдивæг Натиа Мезвришвили куыд дзуры афтæмæй, Звиад Ратианийы  барадхъахъæнджытæ  баурæдтой  полицион контролы фæлгæтты.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   ис инциденты  æвдисг  видео-æрмæг,  фæлæ  минстры хдивæг дзуры,  цæмæй  æрмæг уæззау  бакæсинаг у  æмæ фæндоны цауы,  уагдон цæттæ у  Звиад Ратианийæн  йæхицæн равдиса  фæнысангонд æрмæг.