Дагъистаны «хайгай» мобилизацийы ныхмæ уынгтæм рацæугæ цæрджыты æмæ пъæлицæйы æхсæн быцæуæмбæлдтæ уыд
Уæрæсейы президент Владимир Путин «хайгай мобилизацийы» ныхмæ Дагъистаны уынгтæм рацæуæг цæрджыты æмæ паъæлицæйы æхсæн быцæудзинад дарддæр кæны.
«ВВС»-ы хуъсинагæй, регионон сæйраг горæты Махачкалайы Уæрæсейы пъæлицæй 100-йæ фылдæр адæймагы æрцахста. Ахæлиугонд информацийæ, пъæлицæйы кусджытæ акцийы хайадисджыты ныхмæ электрошоктæй æмæ лæдзгуытæй архайынц.
Дагъистаны ноджы иу акцийыл æфсæддон асидты центры цур, сылгоймæгты уагъд акцийыл барадхъахъхъæнджытимæ быцæудзинад уыд. Акцийы æргомæй бафаудтой Украинаимæ хæст.
«Уæрæсе æндæр бæстæйы территорийыл ис. Цæмæн акæнут нæ хъæбулты? Чи нæм æрбабырста? Уæрæсемæ æрбабырстой? Уыдон махмæ не рбацыдысты, мах куы бырсæм Украинамæ. Уæрæсе ныббырста Украинамæ. Бауромут хæст», – хъусын кодтой сылгоймæгты акцийыл.
Хæлиу кæны информаци, ома хъæу Эндирейы æмбæстæгтæ централон автомагистрал сыхгæдтой. Æфсæддон экспертты аргълæвæрдæй, Украинамæ Уæрæсейы бырсты фæстæ, Уæрæсейы регионты æхсæн сегасдæр фылдæр базиан ис Дагъистан.