Дагестаны спецоперацийы рæстæджы ликвидацигонд уæнгтæ æнхъæлц баст уыдысты терроризмимæ

Дагестаны спецоперацийы рæстæджы фæмард кодтой æртæ  хæцæгы.  Уæрæсейы  антитеррористон  комитеты  куыд  хъусын кæнынц афтæмæй,   æнхъæлц,  фæмардуæджытæн уыд бастдзинад  терроризмимæ.  Иуæй-иуы  ном дæр базыдтой.

Контр-террористон  операци  Дагестаны  хъæу  Губдены æрцыд уагъд. Барадхъахъъхæнджытæ куыд дзурынц афтæмæй,  æнхъæлц  террористты бынаты фæдыл сæм информаци  бынæттонтæ бадæттой.

Ликвидацигонд хæцджытæ  иуæй-иу хæдзары æмбæхстысты.   Уæрæсейы федералон  æдадсзинады куыст,  бæстыхайы æрхъула кодта æмæ  хæстæг лæууæг  хæдзæрттæй  эвакуаци скодта бынæттон  цæрджыты.  Антитерористон   комитеты информацийæ,  иуæй-иу ликвидацигонд  у Алигаджи  Хамутаев,  кæцыйы  аххосджын кодтой 8 адæймагы марындзинады  æмæ полициæгты  колоннæмæ лæбурды.  Джигулы фæстиуæгæн  хæлдзарæй систой  æхсæнгарз æмæ  хæцæн æрмæг.