Дагестаны спецоперацийы рæстæджы ликвидацигонд уæнгтæ æнхъæлц баст уыдысты терроризмимæ
Дагестаны спецоперацийы рæстæджы фæмард кодтой æртæ хæцæгы. Уæрæсейы антитеррористон комитеты куыд хъусын кæнынц афтæмæй, æнхъæлц, фæмардуæджытæн уыд бастдзинад терроризмимæ. Иуæй-иуы ном дæр базыдтой.
Контр-террористон операци Дагестаны хъæу Губдены æрцыд уагъд. Барадхъахъъхæнджытæ куыд дзурынц афтæмæй, æнхъæлц террористты бынаты фæдыл сæм информаци бынæттонтæ бадæттой.
Ликвидацигонд хæцджытæ иуæй-иу хæдзары æмбæхстысты. Уæрæсейы федералон æдадсзинады куыст, бæстыхайы æрхъула кодта æмæ хæстæг лæууæг хæдзæрттæй эвакуаци скодта бынæттон цæрджыты. Антитерористон комитеты информацийæ, иуæй-иу ликвидацигонд у Алигаджи Хамутаев, кæцыйы аххосджын кодтой 8 адæймагы марындзинады æмæ полициæгты колоннæмæ лæбурды. Джигулы фæстиуæгæн хæлдзарæй систой æхсæнгарз æмæ хæцæн æрмæг.