Дæсæм æрсидты  парламент иуæй-иу фыццаг  фарстайæ æркæсдзæн  2021 азы паддзахадон бюджеты проект
Дæсæм æрсидты парламент иуæй-иу фыццаг фарстайæ æркæсдзæн 2021 азы паддзахадон бюджеты проект

Дæсæм  æрсидты  парламент иуæй-иу  сæйраг фарстайæ  2021 азы  паддзахадон бюджеты проект  хъуамæ æркæса.

Хицауад  закъондæттæг  органæн  бæстæйы сæйраг финансон документ бавдыста  фыццаг   октябры  æмæ йæ  фыццагон æркаст  комитетты æмвæзадыл уыд, фæлæ  уый тыххæй,  цæмæй  2021 азыл бæрнон   уыдзæн дæсæм  æрсидты парламент,  фарастæм æрсидты  парламент   документы пленарон  рабадты форматы не ркастис  æмæ ахæм   æххæстбартæ сæвæрдта  дæсæм æрсидты  парламентыл.

Хицауад  закондæттæг органæн нырид  бавдыста бюджеты  проекты  ногæй бакуыст  верси дæр, кæцыйы кæсын райдайдзæн  дæсæм æрсидты  парламенты æххæстбартæ куы банымайдзысты, уый фæстæ.

Документыл  тæрхон кæндзысты   пленарон  рабадты форматы  æмæ йæ  æнхъæлцау  бавдисдзæн  финансты министр Иванэ Мачъавариани.

Регламентмæ гæсгæйæ,  парламент  бюджеты  проекть фæззыгон  сессийы  фæудмæ,  æртыккаг   майрæмы онг, 17 декабры онг хъуамæ  сфидар кæна.  Документм гæсгæйæ,  2021  азы  бюджеты   проектæй  паддзахадон бюджеты  æфтиæгты  æмтгæйон   бæрæггæнæн  уыдзæн –  16 миллиард  758.1 милуан  лари.