Хицауад, уæлрадон уавæры фæлгæтты мадзæлттæ нысаниуæгджынæй фæкарз кæныны фæдыл скуыддзаг рахаста, кæцы сом сæумæрайсомы 08:00 сахатæй скусдзæн- уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер –министр Гиорги Гахариа, коронавирусы фæдыл архайæг æхсæнуагдонон коордиацион советы рабадты фæуды фæстæ, лæвæрд брифингыл райхъусын кодта.
Рабадт абон уæрæх форматæй ацыд æмæ уым советы уæнгтæй уæлдай ма, сæйраг горæты мэр, министрты кабинеты уæнгтæ æмæ низты контролы къухдариуæггæнæг уæнгтæ истой хайад.
«Рахастам уынаффæ уæлрадон уавæры фæлгæтты мадзæлттæ нысаниуæгджынæй фæкарз кæныны фæдыл. Хъусын кæнæм фактиконæй, хаххгондæй йæ нысан кæнын – фактонæй, æппæтадæмон карантин, кæцы сом сæумæрайсомы 08:00 сахатæй райдайдзæн. Ацы карантин нысан кæны:
Æххæстæй тобæ кæны метройæ æмæ кæцыфæнды типы æхсæнадон транспортæй змæлын, куыд горæтты æмæ муниципалитетты мидæг, афтæ горæтты æхсæн.
Уæгъд уыдзæн æрмæстдæр рог хæдтулгæтыл (сæ нымæцы такситыл) балц, æрмæстдæр уыцы цауы, кæд æххæст уыдзæн æнæнизхъахъхъæнынады министрады рекомендаци æмæ автомобилы уыдзæн æрмæст 3 адæймаг, уый нымæцы, æрмæстдæр уыцы цауы, кæд дыууæ адæймаг баддзæн фæстаг бадæныл. Уый у иттæг нысаниуæгджын рекомендаци, кæцыйы æнæсæххæсты цауы, æмбæлон паддзахадон оргæнтæ райсдзысты хъæугæ скуыддзæгтæ.
Афтæма, бæлццæтты ласын бар уыдзæн æрмæстдæр стратегион нысаниуæгы объектты кусджыты организацигондæй æмæ æдасæй ласыны нысанæн.
Тобæ кæны æртæйæ фылдæр адæймагы æмбырд, продуктон дуканитæй æмæ афтектæй уæлдай, кæцы рæтты æнæмæнгхъæугæ у, дыууæ метры дæрццæфгомау социалон дистанийы уаг æххæст кæнын.
Афтæма, хицауады барлæвæрдæй амалиуæгадты куысты фæтк хицæнæй уыдзæн фыст æмæ сæм уыдзæн хицæн протоколтæ, æнæнизхъахъхъæнынады министрадимæ æрæмдзыхæй. Мах ацы мадзæлттæ æххæст кæнæм, цæмæй экономикæ адарддæр кæна кусын æмæ уыцы потенциал, кæцы Гуырдзыстоны экономикæмæ ис, бынтон урæд ма рцæуа, уый тыххæй. Афтæдæр кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыххæй цæмæй не ‘мбæстæгтæ максималонæй бахъахъхъæной сæ кусæнуæттæ.
Фæтобæ уыдзæн 70 азæй хистæрдæр æмбæстæгтæн дуармæ рацæуын уыцы цаутæй уæлдай, уыдон куы фæцæуынц æввахсдæр продуктон дуканитæм, хæстæг афтектæм кæнæ медицинон уагдонмæ.
Уыцы цауы, кæд æмæ 70 азæй хистæрдæр æмбæстæгтæ, иунæджытæ сты, уæд æнæнизхъахъахъхъæнынады æмæ экономикæйы министрадтæ, афтæдæр бынæттон муниципалитеттæ, хæсджын сты ахæм æмбæстæгтæн баххуыс кæной.
Сегасæй нысаниуæгджын – Уæлрадон уавæры æмгъуыдæй фидар кæны фактиконæй æххæст карантин. 21:00 сахатæй тобæ кæны куыд фистæгæй, афтæ – транспортон фæрæзтæй горæтты мидæг æмæ бæстæйы масштабæй змæлд сæумæрайсомы 06:00 сахаты онг. Фактиконæй ноджы иу хатт хаххгондæй банысан кæндзынæн фактиконæй ай нысан кæны, ома бæстæйы масштабæй, 21:00 сахатæй сæумæрайсомы 06:00 сахаты онг, коменданты сахат кæй архайдзæн уый.
Адæмы бынативды контрол æмæ сæ æнæниздзинады уавæр басгæрсты нысанæн, гоймæгты бынативды контролы æмæ уæлрадон уавæры фæкарзгонд домæнты æмæ ацы домæнты сæххæсты нысанæн, афтæдæр фыццагон термоскринингы нысанæн сырæздзæн контролон пункттæ – г. Тбилисы, г. Батумы, г. Кутаисы, г. Руставы, г. Поты, г.Зугдиды, æмæ г.Гуры. Ацы горæтты администрацион арæнты сконтрол кæныны нысанæн, ацы мадзæлттæ æххæст кæндзысты, мидхъуыддæгты министрады тыхтæ æмæ хъахъхъæнынады министрады æмбæлгæ уагдæттæ.
Сегасдæр нысаниуæгджын пункт – кæцыфæнды æмбæстагмæ, цыфæнды афон, горæты змæлды рæстæджы, йемæ хъуамæ уа гоймагы бæлвырдгæнæн æвдисæнгæххæт», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр.