«CNN» - Украинайы горæт Соледары уæззау  тох цæуы, уавæр критикон у
«CNN» - Украинайы горæт Соледары уæззау тох цæуы, уавæр критикон у

Украинаг æмæ хуырыссаг   фарсытæ  Украинайы  горæт Соледары  уæвæг   уавæры фæдыл  хъауджы информаци  хъусын кæнынц.

Уырыссаг  хицæн æфсæддон компани  «Вагнеры» бындурæвæрæг  Евгени Пригожин  фыссы, цæмæй горæт  бацахстой уырыссаг  æфсæддæттæ  æмæ уым  баззайгæ  украинаг тыхты æрхъула кодтой, фæлæ  афтæма бафтыдта,  цæмæй быцæумбæлдтæ   дарддæр кæнынц.

Сæхиæрдгæй Киевы хуъсын кæнынц, цæмæй   Соледары  цæвæг украинаг  æфсæддæтты æрмæст æрдгæ  у æрхъулагонд, фæлæ горæт   Хуссары  æрдгæй  уæрæсæйы æхсты контролы бын  фæцис æмæ уыимæ  ныгуылæнæй æмæ цæгаты æрдгæй  украинæгтæ   сæ позицитыл лæууынц.  Æмбæлгæ  фидиуæн   Украинайы   президенты  офисы  къухдариуæггæнæджы уынаффæгæгæнг, Алексей Арестович  сарызта.

Телекомпани «CNN» Соледары уæвæг  украинаг æфсæддæттыл æнцойæ  хуъсын  кæны, цæмæй  горæты  уавæр  критикон у  бæстыхæйттыл контрол  иу къухтæй иннæтæм хизы.

Æфсæддон  экспертты  хъуыдымæ гæсгæ, Соледары фесафыны цауы, украинæгтæн гæнæн си  тынг  фæзын уа  горæт Бахмуты бахъахъхъæнын, кæцымæ  уырыссæгтæ нырид   цалдæр мæй у цы бырсынц.