«CNN» - Дональд Трамп, Джон Болтоны бынатмæ, Майк Помпеойы  снысан  кæныны фарста кæсы
«CNN» - Дональд Трамп, Джон Болтоны бынатмæ, Майк Помпеойы снысан кæныны фарста кæсы

АИШ-ы   президенты уынаффæгæнæг  националон æдасдзинады  фарстаты  гæнæн ис,  суа Майк Помпео –  уый фæдыл  информаци хъусын кæны  телекомпани «CNN».

Журналисттæ хъусын кæнынц, цæмæй  нырма бæрæг нæу, цас серьозоныл нымайы   Дональд Трамп  Помпеойы  кандидатурæ, фæлæ  кæд президент  уынаффæ рахæсдзæн уæд  Майк Помпео  иурæстæгонæй бацахсдзæн   Трампы уынаффæгæнæджы æмæ паддзахадон нымæрдары  бынæттæ.

Фæстаг хатт  аналогион  цау 50 азы размæ  æрцыд.   Генри Киссинджер  дыууæ азы дæргъы  иурæстæгонæй  ахста  фæнысангонд дыууæ бынаты.

Бакой уын кæндзыстæм  цæмæй Дональд Трамп  АИШ-ы  президенты уынаффæгæнæджы националон æдасдзинады фарстаты, Джон Болтоны йæ куыстæй  10  сентябры систа.