Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх йæхи хуыздæр хаты – уый фæдыл Фыццаг Каналæн фехъусын кодта Илья Дыккагы сæрмагонд дохтыр Цисана Шартава.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Партиархмæ тæвд нæй æмæ йын медикаменттæ ныуазын æнæмæнгхъæугæ нæу.
«Сæумæрайсомы йæм тæвд дæр нал уыд. Хосты йын нал хъæуы, йæхи хуыздæр хаты æмæ фæстагмæ реабилитацийы тыххæй ма бахъæудзæн цалдæр бон» – бафтыдта ма дохтыр.
Æнæниздзинады уавæры фæфыддæры тыххæй, Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг, Самебайы кафедралон аргъуанмæ, хуыцаубонон куывдмæ знон нал фæзынд.
Уыйимæ иумæ, Илья Дыккаг 27 январы Сыгъдæг Нинойы номарæн бонмæ гæсгæ бæрæгбонон литургимæ дæр нæ бафæрæзта бацæуын.