Григол Вашадзе - Нæ зонын  цæмæн сырæзт ахæм фидиуæн, Патриарх нæ фарста  фидæны плæнтты тыххæй
Григол Вашадзе - Нæ зонын цæмæн сырæзт ахæм фидиуæн, Патриарх нæ фарста фидæны плæнтты тыххæй

Нæ зонын  цæмæн сырæзт ахæм фидиуæн, Патриарх нæ фарста  фиæдны плæнтты тыххæй – уый фæдыл  «Иууон Националон Змæлды»  президенттæм кандидат  Григол Вашадзе  Патриархийы   зноны  фидиуæныл комментарийы  рæстæджы  банысан кодта.

«Нæ зонын  цæмæн сырæзт ахæм фидиуæн, фæлæ  загътон æмæ  та  ноджы  зæгъдзынæн – Патриарх нæ фарста  фиæдны плæнтты тыххæй, цæуылдæр йын  загътам цæмæй  иугоймагон æмæ  иупартион системæ ныппырх кæнын у   нæ  бæстæйы  размæцыды  иунæг фæндаг æмæ   ацы фæндагыл  оппозици хъуамæ уа  хицауады скæнæг хай. Уый дзуаппæн нын Патриарх   загъта, цæмæй   оппозици зæгъгæ ма хъуамæ уа радикалон,  хъуамæ фылдæр уынаффæтæ  дæтта æмæ хцицауды  критикæ  кæна, хицауад та  рæстæг ма хъуамæ хардз кæна  оппозицийы  сурыныл –  гъе уый  уыдис  æххæстæй» – райхъусын кодта Григол Вашадзе.

Гуырдзыстоны   патриархийы  пресс-центры къухдариуæггæнæг, деканоз  Андриа  Джагъмаидзе знон райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ  «Националон Змæлды»  президенттæм   кандидат Григол Вашадзе,  партиархы  тыххæй  информаци  æнæраст интерпретацийæ  ахæлиу кодта.  ЙÆ ныхæстæм гæсгæ,  Вашадзейы  Илья Дыккагимæ фембæлды рæстæджы,  разæвзарæнон  плæнттыл деталон ныхас  нæ уыдис.