Цъилканы Арчил Татунашвилийы æмбæстагон панихидæ дарддæр кæны.
Татунашвилийы бинонтæн мæсæллытæ загътой Тбилисы «Динамойы» æмæ ветеран футболисттæ.
«Хæсджын стæм абон ам уæм æмæ бинонтæн ртæфæрфæс ракæнæм. Цы нæ бон у уый хъуамæ саразæм, фæлæ кæддæрты амæн кæрон хъуамæ разына» – загъта футболы кълуб «Динамо Тбилисы» президент Роман Пипиа.
Ветеран футболисты, Манучар Мачаидзейы ныхæстæм гæсгæ та, Татунашвили нырыккон Гуырдзыстоны хъайтар у зæгъгæ æмæ йæ ном сæнусон уыдзæн.
«Тбилисы Динамойы ветерантæ æрымбырд стæм æмæ æрбацыдыстæм, цæмæй тæфæрфæс ракæнæм бинонтæн. Стыр трагеди æрцыд. Татунашвили нырыккон Гуырдзыстоны хъайтар у йæ ном æнустæм уыдзæн нæ историйы. Ноджы иу хатт мæсæллытæ дзурын хъайтары бинонтæн ацы стыр æнамонддзинады тыххæй» – расидтис ветеран футболист Манучар Мачаидзе.
Арчил Татунашвилийы буар йæ хæдзармæ, Самхараулийы номыл экспертизæйы бюройæ знон боныцъæхыл баластой.
Татунашвилийы марды, оккупацигонд Цхинвалæй зæгъæн ис иу мæйы фæстæ 20 марты раластой. Мардæн Леван Самхараулийы номыл тæрхонон экспертизæйы националон бюройы экспертизæ сырæзт. Процессмæ йæ цæст дартта, зхизæмары амæттæгты реабилитацийы центр «эмпатийы» минæвар дæр. «Эмпатийы» ахæлиугонд фидиæнмæ гæсгæ, развæлгъау бæрæггæнæнтæй, Арчил Татунашвилийы буарыл ис бирæ зиæнттæ, кæцы амоны хъизæмары фæдыл.
Арчил Татунашвилийы 24 марты Кандайы хъæуы æфсæддон кадæй бавæрдзысты.