Гуырдзыстоны авд регионæн ис ног губернатор. Ног паддзахадон æвджидонты премьер-министр Мамука Бахтадзе абон хицауады администрацийы бавдыста.
Самегрело-Уæллаг Сванеты регионы паддзахадон æвджидон – гнубернаторы постыл, снысан ис Александре Моцъерелиа.
Мамука Бахтадзейы фидиуæнæй, Александре Моцъерелиа, хъæууон хæдзарады къабазы иттæг цымидисон проекты сæххæстæй фæлтæрд у зæгъгæ.
«Куыд æй зонут афтæмæй, махæн нæ иуæй-иу сæйраг нысан у регионты экономикæйы инклюзивон рæзынад æмæ уырнæг дæн, аы хъуыддаджы Александре Моцъерелиа бахъом уыдзæн йæ хайбавæрд скæнын» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Гуриайы регионы губернаторæй снысан ис Зураб Насариа. Премьер-министры ныхæстæм гæсгæ, уый зæгъгæ у биррдыгæй фæлтæрд æхсæнадон къордтимæ ахастыты фарстаты.
«Уырны мæ Зураб алцыппæт сараздзæн, цæмй не мбæстæгты цард Гуриайы хуыздæры æрдæм аива. Зонут æй, цæмæй тынг нысаниуæгджын проектытæ сæххæст кæндзыстæм ацы регионы æмæ уырнæг дæн, ацы проекты реализацийы фæстиуæгæн фендзыстæм егъауактивон экономикон цард Гуриайы» – банысан кодта Мамука Бахтадзе.
Самцхе-Джавахеты губернаторæй снысан ис Бесик Амиранашвили. Уый абоны онг ахста мидхъуыддæгты министрады Имереты, рачъа-Лечхумы æмæ Дæллаг Сванеты департаменты директоры пост.
«Æнтыстытæ арфæ кæнын Бесик Амиранашилийæн иттæг нысаниуæгджын хъуыддаджы» – райхъусын кодта премьер-министр.
Мцхета-Мтианеты губернаторæй снысан ис Шалва Къереселидзе. Уæдмæ та уый къухдариуæгад кодта æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады регионтимæ ахастыты департаментæн.
«Уый Душеты гуырд у æмæ дзæбæх зоны регионы спецификæ æмæ йæ проблемæтæ. Ис йæм стыр фæлтæрддзинад бынæттон хæдуынаффæйы оргæнтимæ ахастыты фарстатйы. Абоны онг разамынд кодта æрдзы хъахъъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады регионтимæ ахастыты департаментæн. Ис йæм конкретон цæстæнгас, кæуыд гæнæн ис уæлæмхас инклюзивон рæзынад бахæссæм ацы аив регионмæ» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Дæллаг Картлийы регионы æвджидоны постыл снысан ис Шота Рехвиашвили. Уый ахста оккупацигонд территоритæй тыхбын бынативгæ уæнгты цæрæнуатты ахæлиуы æмæ лигъдæтты министры хæдивæгы пост.
«Шота Рехвиашвили тынг фæлтæрд у барадхъахъхъæды сферæйы. Уырны мæ уый йæ тыхтыл нæ бацауæрддзæн цæмæй Дæллаг Картлийы арызт æрцæуа конкретон къахдзæфтæ регионы размæцыд æмæ райтынгы тыххæй» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Мидæг Картлийы губернаторæй снысан ис Гиорги Ходжеванишвили.
«Гиорги Ходжеванишвили, æздæхы паддзахадон структурæтæм хицæн секторæй. Уый абоны онг ахста пост компани «Магтикомы» Ис йæм æхсæнадæмон æмæ бынæттон æнæхицауадон организацитимæ ахастыты иттæг нысаниуæгджын фæлтæрддзинад. Уыйимæ иумæ, уыд Венецийы камисы минæвар паддзахадон конституцион камисы» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Имереты губернаторæй снысан ис Шавлег Тъабатъадзе.
«Шавлег Тъабатъадзе у генералон штабы сурзæххон æфсæдды Скæсæны сæрдар. Уый иуæй-иу сгуыхт æфсæддон у. Фæнды мæ дзыллæйæн зæгъын, цæмæй фæстаг дыууæ азы дæргъы къухдариуæгд кодта гуырдзиаг фарсæй иттæгнысаниуæгджын ахуыртæн, мæ хъуыдыйы дарын Noble Partner. Хайад иста Гуырдзыстоны сабырадон мисситы æмæ у иуæй-иу сеппæтæй æнтыстджын æфсæддон ацы æрдгæй. Стыр хайбавæрды хицау у æхсæнадæмон æдасдзинады фæфидары хъуыддаджы æмæ сæрмагондæй йæхи авторитет, æфсæддæтты æхсæн дæр тынг бæрзонд у. Сæрмагондæй мын цин у, ахæм ивгъуыд кæмæн ис уыцы адæймагы бæрны куы бакæндзыстæм тынг ахсджиаг хъуыддаг, цахæмдæр у нæ бæстæйы иуæй-иу сеппæтæй рæсугъддæр регионæн къухдариуæг кæнын» – райхъусын кодта премьер-министр.
Авд регионæй, фондз губернатор сæ постæй, цæугæ азы 26 июлы ссæрибар сты. Имеретæн та, губернатор уы фæстæ нал уыд, раздæры паддзахадон æвджидон Гиви Чъичъинадзе, Гуырдзыстоны парламенты Ванийы æмæ Хонийы мажоритар депутатæй куы ыссис. Гуриайы губернатор та, йæ куыстуæгхды фæдыл, абон социалон хызаг «Фейсбукы» фарсыл ныффыста.
Æндæр регионты та, сæ постытыл куыст адарддæр кæндзысты – Кахеты губернато р Ираклий Кадагишвили, æмæ Рачъа –Лечхум- Дæллаг Сванеты губернатор Арчил Джапаридзе.