Премьер-министр  Мамука Бахтадзе   цалдæр губернаторы сæ  бынæттæй  систа
Премьер-министр Мамука Бахтадзе цалдæр губернаторы сæ бынæттæй систа

Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе   цалдæр губернаторы сæ  бынæттæй  систа.

Пост ныууагъдтой  Мидæг Картлийы  губернатор, Акакий  Мачъутадзе,  Мцхета-Мтианеты  губернатор  Леван Зауташвили, Мегрелиа-Уæллаг Сванеты  губернатор   Леван  Шониа,  Дæллаг Картлийы губернатор  Григол Немсадзе  æмæ Самце-Джавахеты  губернатор  Каха  Самхарадзе.

Постыл сæ  куыст адарддæр кæндзысты  Кахеты  губернатор  Ираклий Кадагишвили, РачаъЛечхум-Дæллаг Сванеты  губернатор  Арчил  Джапаридзе  æмæ Гуриайы  губернатор   Мераб  Чъанухъвадзе.

Афтæма,   Имеретæн  цæугæ  азы   марты мæййæ   нæй  губернатор.  Губернаторы  хæстæ  æххæст кодта Григол Далакишвили.  Гиви  Чъичъинадзе  фæнысангонд посты  Вани æмæ  Хонийы   мажоритартæм  æхсæйнаг   æвзæрстыты   фæуæлахизы фæстæ  ныууагъдта.

Мамука Бахтадзейы информацийæ,   ацы регионты   афтæ  куыд   Имереты, æввахс бонты   дзыллæйæн бавдисдзæн паддзахадон æвджид лæгты.