Чемпионты Лигæйы финал Фыццаг Къаналы эфиры – Мадриды «Реал» «Ливерпулы» ныхмæ -[видео]

Киевы Олимпион  стадионыл  уагъд æрцæудзæн  Чемпионты Лигæйы  финал,  кæцыйы Фыццаг Къанал  радæтдзæн комкоммæ эфиры.

Лигæйы архайæг  чемпион  Мадриды «Реал» – «Ливерпулимæ»  хъздзæн. Испайнаг клуб  бацархайдзæн  Чемпионты Лигæйы  уæлахиздзау суа  фæд-фæдыл  æртыккаг хатт,  кæцы  ныры онг  никæмæн бантыст.

«Реалмæ» финалон фембæлдты  ис  иттæг  хорз статистикæ, турниры  иунæг  финалон матчы  уыдон фембылд сты  1981  азы,  фæлæ   ма  хъуамæ  ферох кæнæм уый æмæ   йеуæд дæр  сæ ныхмæлæууæг уыдис  Боб Пейслы  «Ливерпул».

Турниры «Реал» рамбылдта 12 хатт,  кæцы у рекордон  уынинаг.  Цыдæриддæр та англисаг   клубмæ «Ливерпулмæ» æххæсы,  Чемпионты Лигæйы  уæлахиздзау фæстагмæ  уыд  2005 азы,  йеуæд мерсисайдæгтæ   басастой Карло Анчелоттийы   «Милан»  тынг драмон   матчы.

Фыццаг Къаналы  эфиры  22:10  сахатыл   райдайдзæн матчагъоммæ  алæвæрд,  кæцыйы    матчы размæ  перипетитæ,   клубтæ цы фæндаг  рацыдысты   финалы онг æмæ сæ  скнд цахæм у – æппæт уый  афлгæсдзысты.  Киевæйы  комкоммæ  эфиры  ссиу  уыдзысты  Фыццаг Къаналы  комментатортæ.

22:35 сахатыл Чемпионты Лигæйы  финалы  бæрæгбонон   байгомы  амал фендзыстут комкоммæ эфиры,  æрмæст 22:45 сахатыл та, архайæг  чемпионы – Мадриды «Реалы»  æмæ  «Ливерпулы»   быцæудзинад  райдайдзæн.