ИНО-йы генералон ассамблейы хаст резолюцийы критикæ кæны Чехийы хъахъхъæнынады министр Яна Чернехова.
«Худинаг мæм кæсы ИНО. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Чехы Республикæ мацæй æнхъæл хъуамæ уа ахæм организацийæ, кæцы йæ фарс хæцы террористтæн æмæ нæ цыт кæны хихъахъхъæды сæйраг барæн. Цæй ма рацæуæм. Æртæ къуырийы размæ «Хамас» 1400-йæ фылдæр израилагы амардта, уый у 2001 азы, Америкæйы 11 сентябры «Аль-Каида» цы адæмы нццагъдта уымæй фылдæр. «Хамасы» террористты прецедент цæмæн нæй ахæм теракты ныхмæ, æргомæй æрмæст 14 бæстæ слæууыд, сæ нымæцы мах дæр стæм», – райхъусын кодта Чернехова.
ИНО-ы генералон ассамблей 120 хъæлæсæй 14-ы ныхмæ рахаста резолюци, кæцы фарсытæм Газæйы секторы «æнæаргъæвгæйæ, дæргъвæтин æмæ æнæцудгæ гуманитарон фидыдмæ» сиды.