Чехы фæсарæн хъуыддæгты министр - Сæ фарс хъуамæ рахæцæм Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн сæ европаг тырнынадты
Сæ фарс хъуамæ рахæцæм Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн сæ европаг тырнынадты – уы1й фæдыл Чехы фæсарæн хъуыддæгты министр, Ян Липавски Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты советы рабадты агъоммæ райхъусын кодта. Рабадтыл фæныхас кæндзысты Украинайы тыххæй.
«Уынæм цæмæй Украина комкоммæ хæцы Европаг тырнанды тыххæй. Махæн, Чехæн нысаниуæгджын у йæ фарс йын рахæцæм, куыд гæнæн ис афтæ.
Чех архайдзæн ацы æрдгæй. Нæ зонын цы уыдзæн ацы лобиркæныны фæтсиуæг, уый у комиссийы скуыддзагкæнинаг, фæлæ алцыппæт аразæм, цы гæнæн ис. Уый у политикон уынаффæ. Ис нын дебаттæ уый фæдыл евроцæдисы. Иуæй-иу уæнгтæ сæхи уромынц. Мæ рард у, бамбарын сын кæнон ацы иудзинады нысаниуæг» – райхъусын кодта Чехы фæсарæн хъуыддæгты министр.