Чехи коронавирусæй зианбавзарæг æхсæз бæстæйæн, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн, финансон æххуыс рахицæн кæндзæн
Чехийы фæсарæн хъуыддæгты министрад коронавирусы пандемийæ зианбавзарæг рæзгæ паддзахадтæн, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн, Молдовæйæн, Боснийæн, Камбоджайæн, Эфиопийæн æмæ Замбийæн финансон æххуысы хуызæй рауæлдай кæндзæн 200 млуан чехаг кроны, кæцы 7,3 милуан евройы эквивалент у.
Фæнысангонд суммæ æнæнизхъахъхъæды æмæ цæрджытæн сæ уавæртæ фæхузыдæрыл нымад проекттæн бахардз уыдзæн. Æххуысы нысан у æнæнизхъахъхъæды, гигиенæ æмæ хæлцады фарстатæ сифтонг кæнын.
Чехийы фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй ацы проекты, æнхъæлмæ кæсынц чехаг компаниты активондзинадмæ. Уымæй бæстæтæн, кæцытæ бæрæг фæстауæрцæй сты хъуаг, продукттæ балхæнын сæ бон уыдзæн чехаг компанитæй, кæцы пандемийы фæстиуæгæн сæвзæргæ экономикон кризисы рæстæджы, афтæдæр баххуыс уыдзæн чехаг компанитæн. Уымæй сын рæувадат дæр суыдзæн фæсарæйнаг базартыл архайын, кæнæ та фæтынгдæр кæндзысты сæ позицмитæ фæнысангонд базартыл.