Чажашийы дунейы культурон бындарады цыртты, мæсгуыты æмæ мачубиты рацалцæгы процесс фæуыдзæн 2020 азы
Сванеты архитектутрон бæстыхæйтты, куыд сæрмагонд паддзахадон нысаниуæгы культурон бындарады цыртты реабилитацийы процесс дарддæр кæны. Агентады хъусинагæй ацы этапыл Чажашийы уæвæг 50-ы онг мæсыгæй ацы рæстæгмæ ногæй рацалцæг сты 30-æй фылдæр историон цырты. Фесты бынæттон аргъуаны дуры консервацион æмæ уæлхæдзары рацалцæгы куыстытæ дæр.
Сæ информацийæ, Сванеты культурон бындарады цыртты хъахъхъæды æмæ сæм хъусдарыны стратегион проекты фæлгæтты, культурон бындарады хъаххъæды националон агентад, реабилитацион куыстыты Местиайы муниципалитеты æндæр хъæуты дæр æххæст кæны, кæцы ивгъуыд 3 азы мидæг ныридæгæн рацалцæг сты 70-ы онг сванаг мæсыг.
Уæвæг бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, Сванеты культурон бындарады цыртытæй цы баззад уыдонæй, æнæаргъæвгæ реабилитаци хъæуы 160-ы онг мæсыгæн. Ушгулы муниципалитеты хъæу Чажаши цæугæдæтты Ингури æмæ Шавцъхъала-Квишара кæм баи вæййынц уым, денджызы æмвæзадæй 2200 метр бæрзæндыл лæууы.
Дунейы бындарады цыртты номхыгъды хъаххъæд комплекс, кæцы музейыл нымад цæуы, иу кæны 13 мæсыгы, 4 кæнты, 21 мачубы æмæ 11 адæмон цæрæн уат.Ушгулы муниципалитеты хъæутæй сеппæтæй фылдæр сванаг мæсыг растдæр Чажашийы баззад.
Ралæвæрдмæ гæсгæйæ, Чажаши уыд Тамар Паддзахы зымæгон резиденци.
Гуырдзыстоны культурон бындарады хъаххъæды националон агентады информацийæ, Ушгулы муниципалитеты Чажашийы мæсгуыты æмæ мачубиты рацалцæгы процесс, кæцыйы агентад 2014 азы райдыдта, æххæстæй фæуыдзæн 2020 азмæ.
Реабилитацийы процессы, 2016 азæй, агентад æмфинансдзинады хуызæй фонд «Картуимæ» иумæ æххæст кæны, кæцы бæстæйы масштабæй цæугæ реабилитацигæнæн проектыты, паддзахадон уагдоны иуæй-иу сæйраг доннор организаци у.