Гуырдзыстоны Централон æвзарæн камис абон ног сæрдары сывзардзæн.
ЦÆК-ы уæнгтæ сæрдары сусæг халæппæрстæй сывзардзысты. Сæрдары сывзарынæн æнæмæнгхъæугæ у кандидат ЦÆК-ы 12 лæгон скондæй хъæлæсты дыууæ æртыккæгæм хай æрымбрд кæна.
Регламентмæ гæсгæйæ, уыцы цауы, кæд æмæ камисы уæнгтæ сæрдары сывзарын нæ бахъом уыдзысты, уæд æвзарæн саразын тыхыбын бауыдзысты закъондæтджытæ. Гуырдзыстоны парламент хæсджы уыдзæн президенты бавдыст æртæ кандидатæй иуы авд боны æмгъуыдмæ сывзарын.
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, ЦÆК-ы сæрдары постмæ, раразмæ кодта Тамар Жваниайы, Мариам Шелегиайы æмæ Владимер Божадзейы 21 декабры.
Гуырдзыстоны централон æвзарæн камисы рабадт райдайдзæн 14:00 сахатыл.