Америкæйаг медийы информацийæ, АИШ-ы президент Дональд Трамп, Венесуэлайы мидæг æхстыты баконды фæдыл разыдзинад ратта. Информаци хъусын кæны CBS.
Хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, Трамп, Венесуэлайы бомбæтæ æруадзыны бар операцийы райдайæнæй цалдæр бон раздæр радта. CBS куыд хъусын кæны афтæмæй, операци раздæр хъуамæ райдыдтаид, фæлæ æвзæр боныгъæды тыххæй æргъæвд æрцыд.
Уыимæ иумæ, Венесуэлæйы паддзахадон телекомпани «Телесур» Венесуэлæйы хицауады расидæн парахат кæны, кæцымæ гæсгæ, Венесуэла тæрхон кæны АИШ-ы агресси Венесуэлайы территори æмæ цæрджыты, афтæ дæр Каракасы æмбæстагон æмæ æфсæдтон объектты ныхмæ.
Венесуэлæйы хицауад АИШ-ы аххосджын кодта, стратегион ресурстæ, уæлдайдæр та нефт æмæ минералон æрмæг йæхицæн райсынмæ кæй хъавыд, уымæй.
Информацийæн, Каракасы хъуысы срæмыгъдтæ, æмæ горæты сæрмæ ныллæг тæхгæ хæдтæхæг разынд.