Цардуаджы баззаййæггæгты æхсæвы сахатты  ласын  Вакейы территорийæ райдайдзæн
Цардуаджы баззаййæггæгты æхсæвы сахатты ласын Вакейы территорийæ райдайдзæн

«Тбилсервис къорд» быронæмбырдгæнæн контейнерты æхсæвы  сахтты æвдæлон кæнын,   32 уынгыл  райдайдзæн  2018 азы  марты мæййæ. Æхсæвы графикъмæ  ахизын аскуыддзаг ис  пилотон проекты фæлгæтты  æмæ   райдиан жтапыл  Вакейы паркæйы  Университеты  фыццаг корпусы   онг локацийы  æмæ фæнсангонд территорийы  алфæмбылæйтты  уæвæг   централон  æмæ   мид уынгтыл ахæлиу уыдзæн.  Уый фæдыл   фидиуæны сарызта сæйраг сахары меры хæдивæг,  Майя Битадзе.

Мерийы  ацы  уынгтыл æфтауцæй   контейнерты  æмæ  быронæмбырдгæнæн   асыккытæ  сæвæрдзæн.   Пилотон   проекты  фæлгæтты,  бырон ласæг машинæтæ  22:00  сахатæй  скусдзысты  æмæ  32 уынгыл  375  быронæмбырдгæнæн   контейнеры  равдæлон кæндзысты.

Мерийы  ныфс æвæрынц, цæмæй  цæрджытæ  с рекомендацитæ сæ зæрдыл бадардзысты,  æмæ   бырон  акалдзысты изæры сахатты.  Пилотон   проект  æввахсдæр периоды  сæйраг сахары   æндæр  сыхты дæр сæххæст уыдзæн.