Цъалкæйы расидтысты карантин, куыдзы æрра низы цау кæй рабæрæг, уый тыххæй
Паддзахадон хъæууон хæдзарадон лабораторийы Цъалкайы муниципалитеты хъæддаг рувасы патологон æрмæджы æрра низы цау сбæлвырд кодтой. Уый фæдыл хæлцадон националон агентад хъусын кæны.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, расидтæуыд карантин инфициргонд районы æмæ тæссаг зонæйы.
«Ацы азы 6-æм апрелы паддзахадон хъæууон хæдзарады лаборатори сбæлвырд кодта æрра низы цау хъæддаг цæрæгойы (рувасы) патологион æрмæджы Цъалкайы муниципалитеты (адрис: Цъалка, Тамар Мепейы уынг #132-мæ æввахс).
Хæлцады националон агентады Квемо Картлийы департаменты инспекторы фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй фæрынчынуæвæг рувасы цыппар æнæхицау куыдзы ныттыдтой.
Низы апарахаты локализацийы æмæ аиуварс кæныны тыххæй, Квемо Картлийы паддзахадон губернаторы бардзырдмæ гæсгæ, расидтысты карантин инфициргонд зонæйы æмæ фесæфынæй тæссаг территорийы æмæ карантины мадзæлттæ райдыдтой – инфекцион центры дезинфекци, низхæссæг цæрæгойты вакцинаци, цæстдард цæрæгойты змæлдмæ, æнхъæлмæкæсинаг цæрæгойты æмæ инфициргонд цæрæгойты изоляци.
Ацы аз æнæхъæн бæстæйы дæр лабораторион æгъдауæй сбæлвырд кодтой æртæ цауы æрра низы.
Хæлцады националон агентад æрвылаз дæр æнæаргъæй вакцинаци кæны æхснырсæджы ныхмæ æмæ вакцинаци кæны 300 мины онг хæдзарон цæрæгойæн (куыдз, гæды).
Цæмæй æрра низæй ма бахиза æмæ тæссагдзинад ма уа, уый тыххæй Агентад сиды цæрджытæм, цæмæй æрвылаз сæ хæдзарон цæрæгойтæн (куитæн, гæдытæн) кæной вакцинаци æрра низ ныхмæ; æхсæнадæмон фæлтæрддзинад æмæ ахуыртæ æрра низы ныхмæ тохы æмхъæлæсæй бæлвырд кæнынц, цæмæй æнæхицау æмæ хъæддаг куиты популяцийы контрол æмæ сæ вакцинаци ахсджиаг роль æххæст кæнынц низы апарахаты фæкъаддæр кæныны æмæ бынтондæр скуынæг кæныны хъуыддаджы» – ис фыст хæлцады националон агентады расидæны.