Цалдæр европарламентарийæ æрцæттæ кодтой резолюцийы бараст кæцыйы разагъд у «катай Гварамиайы тæрхоныскуыды, Кезерашивлийы æмæ телекомпани «Пирвелийы» бындурæвæрджыты æфхæрды тыххæй»
Европарламенты резолюцийы цалдæр европарламентари медийы тыххæй барастытæ æрцæттæ кодтой.
Европарламентариты, Мириам Лексманы, Владимир Бичикы, Михаел Галеры, Девид Легайы, Раса Юнкевичиенейы инициргонд барасты дзырдæуы: «Уый тыххæй цæмæй Гуырдзыстоны медиауавæр фæстаг азты фыддæр дæр кæны, прецедент цæмæн нæй афтæ бæрзонд у журналистты ныхмæ тыхон физикон бырстыты нымæцы бæрæггæнæн Гуырдзыстоны; 2022 азы Гуырдзыстон дунейы прессæйы сæрибардзинады индексы рейтингы 60-æй 89-æм бынатмæ куы æрхауд уæвæг 180-æй».
Афтæма барасты тексты, кæцыйы автортæ сты Мириам Лексман, Владимир Билчик, Михаэл Галер, Раса Юнкевичиене, Андриус Кубилиус, абнысангонд у: «Ника Гварамиайы, телекомпани «Мтаварийы» директорæн æртæ æмæ æрдæг азæй ахс куы стæрзон кодтой æхца ссурс кæныны, гæртам æмæ документы фæмæнг кæныны, гуырысхойаг аххосагæй».
Уыимæ европарламентаритæ, Анна Фотига, Яцек Сариуш-Волски, Асита Канко сидын алы интересджын фарсмæ, бахъахъхъæнæт плюралистон æмæ бирæгъуызон медиаландшафт Гуырдзыстоны, кæцы æнцойæвæрд у фидар закъондæттæн базæйыл æмæ хъуамæ сифтонг уа дзырды сæрибардзинады, медиайы барты æнæцудгæ бындур, фæлæ хицаугæнæг партийы иудадзыг æфхæрды бын сты;
Анна Фотигайы, Яцек Сариуш-Волскийы, Асита Канкойы барасты афтæдæр банысангонд у: «Уый фæдыл (резолюци) нын нæ зæрдыл лæууын кæны архайæг хицауадмæ критикон телекомпани «Рустави 2»-0ы æмæ «Мтаварийы» раздæры директоры Ника Гварамиайы хъуыддаг æмæ фæлхат кæны сидт уый ссæрибар кæнынмæ. (Резолюцийæ) банысангонд ук Гуырдзыстоны Бæрзонддæр Тæрхондоны уынаффæ медиайы финансон æргомдзинады фæдыл æмæ райы коммуникациты комиссийы тыхархайдæй, кæцыйæн йæ нысан у, сифтонг кæна æхсæнадæн деталон информацийы рæувадатдзинад уацхæссджыты финансдзинады равзæрæнты фæдыл».