Цахæм уыдзысты ног санкцитæ кæцытæ сæйраг сахары арæзтадты æмæ куысты æдадсзинадмæ æххæссынц
Куысты æдадсзинадмæ æмæ сæйраг сахары арæзтадтæм гæсгæ цæттæ ног закондæттæг регуляцитæ дыккаг касты режимы цæугæ сессион къуырийы æркæсдзысты.
Æмбæлон ивдтытæ»Продукты æдасдзинады æмæ сæрибар зилдухы фæдыл кодексмæ» цæуынц хаст. Сæрмагондæй та бавдыст ивындзинæдтсй, æдасдзинады фæтксастыл ивары бæрц 3000 ларийæ 30 000 ларийы онг схыздзæн.
Инициативæйæ, æмбæлон арæзтады сæххæсты специалон режимы зонæйы æмæ Тбилисы территорийыл арæзтаджы фæуромыны фæдыл арæзтадон куыстыл паддзахадон цæстдарæг органы уагæвæрды æнæсæххæсты тыххæй физикъон кæнæ юридикъон уæнг фæивар уыдзæн 50 000 ларийæ 5000 ларийы бæсты.
Ивдтытæй фæкарз уыдзысты санкцитæ æнæзаконон арæзтадтыл. Срæмагондæй та, проектæй, паддзахадон æмæ хæдуынаффæгæнæг иуæга исады уæвæг зæххы фæзуатыл, иварон санкци – 10 000 ларийæ, 25 000 ларийы онг фæфылдæр уыдзæн.
Афтæдæр инциативæмæ гæсгæ, сæрмæмулкъы уæвæг ног барлæвæрд кæмæ хауы ахæм арæзтад кæнæ реконструкци, кæцы паралметртæй æртыккаг æмæ цыппæрæм къласмæ æххæссы, фæивар уыдзæн 20 000 ларийæ.
Афтæма фæфылдæр уыдзысты ивары санкцитæ проекты хæлдæй арæзтады тыххæй. Сæрмагондæй та, æртыккаг æмæ цыппæрæм класы объекттыл ивар 10000 лари æмæ 15 000 лари уыдзæн.
«Æдадсзинады фæткæвæрдсастыл, барадсасты хъуыддаджы рæгъмæ хаст райдайдзæн комкоммæ басгæрстæй, кæцы эффективондæр скæндзæн цæстдарæг органы ахæм хæлдыл реагиркæныны цæстæнгасæй. Афтæдæр батагъддæр кæндзæн скуыддзагы райст æмæ ивары санкциты сбæлвырд кæнын. Фæнысангонд цауы, арæзтадон куыстыл цæстдарæг орган хæсджын уыдзæн басгæрсты акты ныффысынæй æнæаргъæвгæйæ райса уынаффæ фæивар икæныны тыххæй» – банысангонд у проекты.
Санкциты нымæцы фæфылдæр кæныны инициативæйæ сæйраг сахары мер Каха Каладзе рацыд.