Цахæм уыдзæн Зугдиды Ботаникъон паркъ реабилитацийы фæстæ

Зугдиды  ботаникон паркы  реабилитацион куыстытæ  райдыдтой.

Проекты фæлгæтты   сæххæст уыдзæн   паркъы территорийыл  уæвæг   бæстыхæйтты реабилитаци,  донæввонг  системæты,  уæвæг   аразгæ цады  донæввонгы  æмæ  дондарæн мæсыгы  арæзтад.

Министрады информацийæ,  сырæздзæн  къахвæндæгтæ тезгъо кæнынæн æмæ  арызт æрцудзæн   æхсæнадон  пысунæтæ.   Бацæуæны саразыдзысты    кассæ  æмæ  хъахъхъæды куыстæн  будкатæ.

  Зугдиды ботаникъон паркъ ( дронæй ист  видеоæрмæг)

 

 

 

Регионалон  райтынгы  æмæ  инфраструктурæы министр  Зураб Алавидзе  куыд  загъта афтæмæйЮ,   Зугдидæн  ранæуæггонд    æмæ нырыккон   структурæйы  хæрзвадат   ботаникъон паркъ уыдзæн.

Министры ныхæстæм гæсгæ,  фæнысангонд  проекты  сæххæт  нысаниуæгджын у  регионы туристон   потенциалы  ноджы фылдæр сбæрзонддæр кæныны  цæстæнгасæй,  кæцы æвæрццаг бандавдзæн    цæрджыты   социалон   уавæры  фæхуыздæрмæ  æмæ сæвзæрын кæндзæн  æфтауцæй  импульс регионмæ   инвестициты æрбаласынæн.

Реабилитацион куыстытæ  фæуыдзысты 2019 азы июнмæ.  Куыстыты æххæст кæндзæн  Гуырдзыстоны   муниципалон   райтынгы  фонд.

Проекты  финанс кæны  Дунейы Банкъ æмæ йæ æмткæйон  аргъ у  12 милуан лари.