Цæугæ къуырийы парламенты финансты министры сахат, Национ Банкы президенты интерпеляци æмæ  парламенты сæрдары хыгъдлæвæрдмæ хъусын ацæудзæн
Цæугæ къуырийы парламенты финансты министры сахат, Национ Банкы президенты интерпеляци æмæ парламенты сæрдары хыгъдлæвæрдмæ хъусын ацæудзæн

Цæугæ къуырийы Гуырдзыстоны парламенты финансты министры сахат,  национ банкы  президенты интерпеляци æмæ парламенты сæрдары  хыгъдлæвæрдмæ  хъусын аацæудзæн –  уый фæдыл  бæрæг ссис  бюройы абоны рабадтыл.

Шалва Папуашвилийы фидиуæнæй, 20 февралы пленарон  рабадт  политикон  фидиуæнтæй райдайдзæн, стæй та  закъонопроекттты æркæсдзысты  æмæ сæ хъæлæскæнынмæ рахæсдзысты.

Папуашвилийы дзырдæй 21 февралы  Ираклий Къобахидзейы  бынативæгы æххæстбартæ нымадмæ райсты  фарстайыл ацæудзæн хъæлæскæынынад, стæй та министры сахаты фырматы   байхъусдзысты  финансты министримæ.

22 февралы æрвылазон  хыгъдлæвæрды депутаттæн Шалва Папуашвили  бавдисдзæн, 23 февралы та, национ Банкы   президенты интерпеляци ацæудзæн.