Цæрæн фæзуаттæ символон аргъæй Самгоры районы цæрæг 23 бинонтæн закъонмæ гæсгæ  сбæлвырд сты
Цæрæн фæзуаттæ символон аргъæй Самгоры районы цæрæг 23 бинонтæн закъонмæ гæсгæ сбæлвырд сты

Тбилисы мэры инициативæйæ, æмбæстæгтæн  цæрæн фæзуатты  закъонмæ гæсгæ сбæлвырд кæныны процесс дарддæр кæны.

Сæйраг горæты мэры информацийæ, бинонтæн, кæцытæ азты дæргъы фæлмæцыдысты  цæрæн фæузуаты  закъонмæ гæсгæ  сбæлвырды проблемæйы тыххæй,  цæрæн фæзуаттæ  символон аргъæй, иу ларийæ æрцыдысты лæвæрд.

Тбилисы мэр, Каха Каладзе  сæрмæмулкы бæлвырдгæнæн æвдисæнгæххæттытæ ацы  хатт  Самгоры  районы цæрæг 23 бинонтæм  алæвæрдта.

Проекты фæлгæтты ацы  этапыл   цæрæн фæзуаттæ 3 000-æй фылдæр  бинонтæн алæвæрдтой, сæйраг горæты мэриайы та  закъонмæ гæсгæ сбæлвырды фæдыл  сæдæгай куырдиат ис, кæцыты  кæсын æмæ  сæххæст этапгай  дарддæр кæны.