ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, Тбилисы, «Гуырдзиаг Бæллиццæн» схъæлæс кодтой 40,3%, «Националон Змæлдæн» 27,97%
ЦÆК-ы развæлгъау фæстиуджытæй, Тбилисы, «Гуырдзиаг Бæллиццæн» схъæлæс кодтой æвзæрстгæнджыты 40,3% (192 772 хъæлæс), ЦÆК-ы информацийæ «Националон Змæлдæн» та 27.97% (133 822хъæлæс).
ЦÆК-ы информацийæ ацы рæстæгмæ 769 æвзарæнон фадыгы фæстиуджытæ бахыгъд кодтой.
Иннæ партитæн, æппæт фадгуыты бахыгъды фæстæ развæлгъау бæрæггæнæнтæ ахæм сты:
«Гахариа-Гуырдзыстонæн» 8.85%, «Лело» – 3,63%, «Зураб Гирчи Джапаридзе: Гирчи –Фылдæр Сæрибардзинад» – 3.3%, Анна Долидзе – Адæмæн» – 2,57%, «Алеко Элисашвили – Æмбæстæгтæ»-2,45%, «Элене Хоштариа – Афон у» – 2,15%, иннæ партитæм 2 процентæй къаддæрдæр хъæлæстæ ис.
Развæлгъау бæрæггæнæнтæй, 64-æй 20 муниципалитеты, меры æвзæрстыты дыккаг тур ацæудзæн.