ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, Руставы æхсæйнаг æвзæрстыты лидер у «Гуырдзиаг Бæллиццы» кандидат Ираклий Шатакишвили
ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, Руставы æхсæйнаг æвзæрстыты 121 æвзарæнон фадыгы хъæлæсты бахыгъды фæстиуæгæн, хъæлæсты фылдæр хайæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» кандидат Ираклий Шатакишвили фæразæй ис .
ЦÆК-ы веб-фарсыл публикацигонд информацийæ, парламенты æхсæйнаг æвзæрстытæм Руставы 12-æм æфзарæнон зылды бахыгъд кодтой 121 æвзарæнон фадыгы фæстиуджытæ иууылдæр.
ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæ ахæм сты :
N34 – «Мамука Тускадзе – Социалон Рæстдзинадæн» Мамука Тускадзе – 2 634 хъæлæс (6.952%);
N41 – «Гуырдзиаг Бæллицц – Демократон Гуырдзыстон» Ираклий Шатакишвили – 34 333хъæлæс (90.612%);
N59 – «Гуырдзыстоны Иудзинады æмæ Рæзынады Парти» Камао Мурадханов – 923хъæлæс (2.429%).