ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, ацы рæстæгмæ «Гуырдзиаг Бæллиццмæ» хъæлæсты 48.28%, «Националон Змæлдмæ» 26.57%, æрмæст «Европаг Гуырдзыстонмæ» 3,79% ис
Централон Æвзæрстгæнæн Комиссийы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, ацы рæстæгмæ «Гуырдзиаг Бæллиццмæ» хъæлæсты 48.28%, «Националон Змæлдмæ» 26.57%, æрмæст «Европаг Гуырдзыстонмæ» 3,79% ис.
Æдæппæт 3 847 æвзарæнон фадыгæй бæрæггæнæнтæ бахыгъд кодтой 3233 фадыгмæ гæсгæ.
Хъæлæсты процентон райуæрст ацы рæстæгмæ ахæм у:
«Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстон» – 48.28% (767 588 хъæлæс); «Националон Змæлд – Тых иудзинады ис» -26.57% (422 342 хъæлæс); «Европаг Гуырдзыстон» – 3.79% (60 299 хъæлæс); «Патриотты Альянс» 3.18% (50 564 хъæлæс); «Лело» – 3.25% (51 619 хъæлæс); «Стратегиа Агъмашенебели»-3,15%(50 087 хъæлæс), «Гричи» – 3.03 % (48 217 хъæлæс);Алеко Элисашвили – Æмбæстæгтæ» – 1,38%(21 918 хъæлæс); «Лейбористон Парти» – 1 %(15 966 хъæлæс).
Иннæ партитæн æвзæрстгæнджыты хъæлæсты иу процентæй каддæр хъæлæстæ ис.