ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, ацы афонмæ «Гуырдзиаг Бæллиццмæ» хъæлæсты 48,15%, «Националон Змæлдмæ» 27,14% æмæ «Европаг Гуырдзыстонмæ» та 3,78% ис
Централон Æвзæрстгæнæн Комиссийы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, ацы афонмæ «Гуырдзиаг Бæллиццмæ» хъæлæсты 48,15%, «Националон Змæлдмæ» 27,14% æмæ «Европаг Гуырдзыстонмæ» та 3,78% ис.
Бæрæггæнæнтæ бахыгъд сты 3 847 фадыгыл иууылдæр.
ЦÆК-ы информацийæ, хъæлæсты процентон райуæрст ахæм у: «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстон» – 48,15%, (926 959 хъæлæс); «Националон Змæлд – Тых Иудзинады ис» – 27,14% (522 463 хъæлæс); «Европаг Гуырдзыстон» – 3, 78% (72 752 хъæлæс); «Патриотты Альянс» – 3,14% (60 493 хъæлæс); «Лело» – 3,15% (60 691 хъæлæс); «Стратегиа Агъмашенебели» – 3,15%(60 592 хъæлæс); «Гирчи» – 2,89% (55 600 хъæлæс); «Алеко Элисашвили –Æмбæстæгтæ» (25 534 хъæлæс) – 1,33%; «Лейбористон Парти» -1% (19 281 хъæлæс).
Иннæ партитæ, æвзæрстгæнджыты хъæлæсты иу процентæй къаддæрдæр æрымбырд кодтой.