ЦÆК-ы æвзæрстыты развæлгъау фæстиуджыты хъусын кæныны рæстæджы, «Националон Змæлды» æмæ «Европаг Гуырдзыстоны» минæвæртты хайадæй æрцыд инцидент
Централон Æвзæрстгæнæн Комиссийы уыд инцидент. ЦÆК-ы сæрдар Тамар Жваниа парламентон æвзæрстыты фыццагон фæстиуджытæ куы хъусын кодта, ЦÆК-ы «Националон Змæлды» минæвар Давит Киркитадзе райдыдта протест кæнын.
«Националон Змæлды» минæвар куыд банысан кодта афтæмæй, уыцы фæстиуджытæ кæцыты ЦÆК-ы сæрдар хъусын кодта, æцæг фæстиуджытимæ æнæмбæлон сты.
«Адон сты мæнг фæстиуджытæ, цы хъусын кæныс Тамар худинаг дæм нæ кæсы? Не вдисынц æвзæрстгæнджыты реалондзинад, адон сты «Гуырдзиаг Бæллиццы» штабы фыст фæстиуджытæ, цы дæм æрбадæттой æмæ дын зæгъын кодтой уый. Ныры онг барæй не вдыстад протоколтæ, цæмæй реалон фæстиуæг ма раргом кодтаиккат, бахыгъд кодтой æрмæст уыцы протоколтæ, кæцыты мидæг ис æрмæст «Бæллиццы» фæстиуджытæ. Реалонæй æвдыст не сты уыцы проценттæ, кæцыты адæм æмæ æвзæрстгæнджытæ раттой, алцыппæт ай у фарс» – райхъусын кодта «Националон Змæлды» минæвар Давит Киркитадзе.
Афтæма, «Националон Змæлды» минæварау ЦÆК-ы фыццагон фæстиуджытæ спротест кодта «Европаг Гуырдзыстоны» минæвар Давит Гургенидзе дæр.