ЦÆК-ы æмæ  бынæттон цæстдарæг организациты æхсæн бафыстæуыд  меморандум
ЦÆК-ы æмæ бынæттон цæстдарæг организациты æхсæн бафыстæуыд меморандум

Централон æвзарæнон къамис æмæ бынæттон æнæхицауадон организациты ‘хсæн бафыстæуыд кæрæдзийон æмбарынады меморандум.

ЦÆК-ы рапарахатгонд информацийы куыд фыст ис, афтæмæй документыл къух æрфыссджытæ сразы сты Æвзарæнон кодексы 45, 48 æмæ 49 статиты иугъуызон дефиницийыл административон ресурсты фæдыл æмæ бæлвырд кæнынц, цæмæй уыдон æххæст кæндзысты меморандумы нысангонд дефиницитæ административон æмæ тæрхондонон хъуыддæгтæ.

ЦÆК-ы сæрдары хæдивæг Гиоргий Шарабидзе куыд расидтис афтæмæй, уый у нысаниуæгджын практикæ, кæцы 2010 азæй сырæзт æмæ уæдæй фæстæмæ уагъд æппæт æппæтдунеон æвзæрстыты ссис традицион, уый ахъаз кæны административон фæрæзтæй пайда кæныны фæдыл фарстыты иугъуызон æнкъарæнæн æмæ, æмткæй райсгæйæ, æвзарæнон уавæры фæхуыздæр кæнынмæ.

Меморандум абон бафыстой бынæттон цæстдарæг организацитæй цалдæр, кæцытæ 26-æм октябры æвзæрстытæм срегистраци кодтой. Фæлæ гæххæттытыл къухтæ æрфыссын уыдзæн гом, регистрацийы фæстæ та алкæмæн дæр фадат уыдзæн йæм бацæуынæн.