ЦÆК-ы  ацы рæстæгмæ бавдыст сты   президенттæм 19  кандидат
ЦÆК-ы ацы рæстæгмæ бавдыст сты президенттæм 19 кандидат

Централон Æвзарæнон Камисы   бæрæггæнæнтæй,   ацы рæстæгмæ ЦÆК-мæ  бавдыст сты   президенттæм 19  кандидаты.

Авд кандидаты бавдыстой инициативон къордтæ.  Адон сты: Кахабер  Чъичъинадзе,  Гиа Чхиквадзе, Коба Джулахъидзе, Гиорги  Гахокиа, Саломе Зурабишвили, Николоз  Лекишвили æмæ Давит  Амашукели.

12 кандидат та, æвзæрстыты  хайад райсдзысты  политикон  партиты   номæй.  Сæ нымæцы Михеил Салуашвили з  «Рæстдзинады сæндидзыны  цæдис  адæмы хъæлæс: Хуыцау у  нæ рæстдзинад», Гиорги Лилуашвили – «Гуырдзыстон», Звиад Багъдавадзе – «Æмбæстагон платформæ-НогГуырдзыстон», Вахтанг Габуниа – «Чырыстон-Демокративон змæлд»,  Леван Чхеидзе – «Ног Чырыстон-Демократтæ», Шалва Нателашвили – «Гуырдзыстоны  Лейбористон партий»,  Давит Бакрадзе – «Европаг  Гуырдзыстон-Змæлд Сæрибардзинадæн», Звиад  Иашвили –  «Националон-Демокративон Партий»,  Давит Усупашвили –  «Сæрибар Демократтæ», Каха  Кукава – «Сæрибар Гуырдзыстон», Гела Хуцишвили – «Гуырдзыстоны хъомысджын   ветеранты  æмæ  патриотты  политикъон змæлд» æмæ  Звиад Мехатишвили – «Гуырдзыстоны Чырыстон-Консервативон партий».

Президентон  æвзæрстытæ   ацæудзысты 28 октябры.