ЦÆК-ы 103 æвзарæнон фадыгы развæлгъау фæстиуджытæ публикаци кæны, кæцыты хъæлæскæнынад электронон технологитæй цыдис
Централон Æвзæрстгæнæн Комисси публикаци кæны развæлгъау фæстиуджытæ уыцы 103 æвзарæнон фадыгыл бæрæггæнæнты бындурыл, кæцыты хъæлæскæнынад электронон технологиты фæрцы цыдис.
«Гурджааны цауы, æмбæстæгты политикон иугонд «Картули Оцнеба- Демократон Гуырдзыстоны» бавдыст кандидат. Гиорги Мачъавариани райста 14 450 хъæлæс, æрмæст парламентон астæуккаг æвзæрстыты хайы, Гур-Къаспы 15-æм мажоритарон зылды нын ис ахæм фæстиуæг: Гуырдзыстоны æмбæстæгты политикон змæлд «Солидарон Рæстдзинады тыххæй» бавдыст кандиат Мамука Тускадзе райста 1 344 хъæлæс, кæцы хайадисджыты нымæцы 6, 59% бæрц у. Æмбæстæгты политикон иугонд «Картули Оцнеба- Демократон Гуырдзыстоны» бавдыст кандидат Гиорги Сосиашвили райста 19 032 хъæлæс, кæцы 93,4 % бæрц у» – райхъусын кодта ЦÆК-ы сæрдар Гиорги Каландаришвили уагъд брифингыл.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ электронон бахыгъдæй дарддæр комисситæ уæлæмхасæй ноджы сæхæдæг банымайдзысты фæстиуджытæ, кæцы Каландаришвилийы фидиуæй, æууæнкджындзинады нысаниуæгджын механизм у, уый фæстæ та фыст уыдзæн хатдзæггæнæг протокол.
Гиорги Каландарившилийы æмбарынгæнæнæй, абоны æвзæрстытæ сбæлвырд кодтой, цæмæй æвзарæнон администрацийы, æвзæрстгæнджыты æмæ дзыллæйы цæттæдзинады электронон æвзæрстытæм ифтонггонд у.
Цæк-ы информацийæ. Æвзæрстыты хайад райстой 43 330 адæймаг, кæцы у æвзæрстгæнджыты æмтгæйон нымæцы 23, 51 %. Сæ нымæцы, Гуры æмæ Къаспы æызæрстытæм бацыд – 25 627, Гурджааны та – 17 703 æвзæрстгæнæг.