ЦÆК публикаци кæны æхсæйнаг æмæ мэрты уæлрадон æвзæрстыты рагафон фæстиуджытæ
Централон æвзæрстгæнæг комисси æхсæйнаг æмæ мэрты уæлрадон æвзæрстыты рагафон фæстиуджытæ публикаци кæны.
117 æвзарæнон фадыгы хъæлæсты нымайæг аппараттæй мыхуыргонд рагафон фæстиуджытæм гæсгæ, дæс муниципалитеты иууылдæр, æвзæрстыты хайад райстой 55 363 æвзæртгæнæг.
Сакребулоты æхсæйнаг æвзæрстыты рагафон фæтсиуджытæ ахæм сты: Гурджаан №8 мажоритарон зылды «Гуырдзиаг Бæллиц-Демокративон Гуырдзыстоны» кандидат Зураб Мухулишвили райста 1347 хъæлæс. Тианеты афтæдæр «Гуырдзиаг Бæллиц-Демокративон Гуырдзыстоны» кандидат Иосеб Матурели райста 345 хъæлæсы. Ахалцихейы «Гуырдзиаг Бæллиц-Демокративон Гуырдзыстоны» кандидат Роин Небадзе райста 463 хъæлæс. Тъхъибулы «Гуырдзиаг Бæллиц-Демокративон Гуырдзыстоны» кандидат Гиорги Кереселидзе райста 321 хъæлæс, кæцы хайадисæг æвзæрстгæнджыты 86,62 проценты бæрц у, æрмæст хæдбарæй хайадисæг кандидат Гиорги Гагошидзе 204 хъæлæсы, кæцы 13,37 процент у. Кутаисы «Гуырдзиаг Бæллиц-Демокративон Гуырдзыстоны» кандидат Михеил Гиоргадзе райста 5 331 хъæлæсы.
Мэрты уæлрадон æвзæрстыты фæстиуджытæм гæсгæйæ, Цагеры «Гуырдзиаг Бæллиц-Демокративон Гуырдзыстоны» кандидат Леван Зелканианийæн схъæлæс кодтой 2 158 æвзæрстгæнæг. Терджолайы – Манучар Робакидзе «Гуырдзиаг Бæллиц-Демокративон Гуырдзыстонæй» райста 559 хъæлæс.
Парламенты æхсæйнаг æвзæрстыты рагафон фæстиуджытæм гæсгæ, Поты, Сенакы æмæ Хобийы мажоритарон зылдты «Сæрибар Гуырдзыстоны» бавдыст кандидат Бесик Цъулеискири райста 1208 хъæлæс, кæцы хайадисæг æвзæрстгæнджыты 4,67 процент у. Æрмæст «Гуырдзиаг Бæллиц-Демокративон Гуырдзыстоны» кандидат Гиорги Хахубаишвили райста 24 646 хъæлæс, кæцы æвзæрстгæнджыты 95,32 проенты бæрц у.