ЦÆК политикон партитæн дæтты фадат, æвзæрстытæм партион номхыгъдтæ электрононæй бавдисой
Централон Æвзæрстгæнæн Комисси (ЦÆК) политикон партитæн дæтты фадат æвзæрстытæм партион номхыгъдты электрононæй бавдисой. Информаци уый фæдыл хъусын кæны æвзарæнон администраци.
«Электронон платформæйы фæрцы партион номхыгъдты бавдисыны æмæ регистрацийы уагмæ гæсгæ, кусæн фембæлд ЦÆК-ы ацыд. Фемб1лдыл уыцы политикон партиты минæвæрттæ уыдысты, кæцытæ ЦÆК-ы æнхъарæн дзуаппæн, партион номхыгъдты æмæ уыдонмæ æфтыд документацийы электрононæй бавдисыны уынаффæ рахастой. Фембæлдыл деталонæй æркастысты электронон платформæйæ спайдаимæ баст фарстатæ.
ЦÆК-ы уынаффæмæ ивд, кæцымæ гæсгæ дæр партитæн Гуырдзыстоны парламенты 2024 азы 26 октябры æвзæрстытæм регистрацийы нысанæн партион номхыгъды электронон платформæйы фæрцы бавдисын у сæ бон, 1 сентябры бахызт йæ тыхмæ, кæцыйы фæстæ ЦÆК æвзæрстытæм регистрацигонд партитæн банхъарыд, спайда кодтаиккой номхыгъдты бавдисыны электронон уагæй. Фæнысангонд уагæй партион номхыгъды бавдисыны уынаффæ æхсæз парти рахаста», – дзырдæуы ЦÆК-ы информацийы.
ЦÆК æмбарын кæны, цæмæй 26 октябры æвзæрстытæм регистрацигонд политикон иугæндтæ партион номхыгъдтæ 26 сентябр хынцгæйæ хъуамæ бавдисой.