ЦÆК – Коронавирусы пандемийы уавæртæм гæсгæ, æвзарæнон фадгуытæ байгом пълан кæны 40-ы онг бæстæйы
ЦÆК æнгом æмкуыст кæны фæсарæн хъуыддæгты министрадимæ цæмæй фæсарæнты уæвæг æвзæрстгæнджытæн уа фадат сæ конституцион бар сыххæст кæнын – уый фæдыл ЦÆК-ы прес-спикер Анна Микеладзе абоны брифингыл райхъусын кодта
Микеладзейы дзырдæй, зæгъгæ æвзарæнон фадгуыты байгом пълан кæны 40-ы онг бæстæйы.
«Æнæкæсгæ уымæ, цæмæй дунейы масштабæй, æндæр æмæ æндæр бæстæты, хъауджыдæргонд уавæр ис, ног коронавирусы ахæлиуы æрдгæй, министрадæй лæвæрд информацийыл æнцойæ, 40-ы онг бæстæйы, уым цы ран нын уыд ныры онг практиктæ, пълан кæнæм æвзарæнон фадгуытæ байгом кæнын. Фадгуыты куысты баст уыдзæн бæрæг рæстæджы конкретон бæстæйы пандемийы æрдгæй уавæг уавæрыл» – загъта Анна Микеладзе.
ЦÆК-ы прес-спикеры фидиуæнæй, зæгъгæ парламенты æвзæрстыты хайад райсынæн, фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстгæтæ, хъуамæ уой консулады хыгъды, кæнæ та регистрацигонд хъуамæ уой фæсарæнты адрисыл Гуырдзыстоны архайæг закъонмæ гæсгæйæ.
«Уыцы цауы кæд æмæ фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ не сты консулады хыгъды, кæнæ та сæм нæй регистраци фæсарæнты, уыдон цæугæ азы 10 октябр хынцгæйæ, хъуамæ регистрацийы ауадзой сæхи Гуырдзыстоны æмбæлон дипломативон минæварады, кæнæ консулады. Консулады хыгъды хи регистрацийы ауадзынæн нæ хъæуы фидын.
Уыйимæ иумæ банысан кæнын хъæуы, цæмæй æмбæстæгтæтæн фæнысангонд процедурæ сыххæст кæнын сæ бон у электрононæй, консулады веб-фарсы фæрцы. Бакой уын кæндзыстæм Гуырдзыстоны кæцыфæнды æмбæстагæн, сæ нымæцы фæсарæнты, йæ бон у цыфæнды информаци райсын ЦÆК-ы онлайн-чаты фæрцы» – райхъусын кодта Анна Микеладзе.