ЦÆК - хъæлæскæнынад æнæкуылымпыйæ цæуы, æвзæрстгæнджыты активондзинад бæрзонд у
Централон Æвзæрстгæнæг Комиссийы пресспикер, натиа Иоселианийы фидиуæнæй, ацы рæстæгмæ æвзарæнон фдагуытыл хъæлæскуæныны процесс сабыр уавæры цæуы.
Афтæма йæ дзырдæй, æвзæрстгæнджытæ дзæбæх æмæ æнцонæй райстой электронон технологитæ æмæ хъæлæскæнынад æнæкуылымпыйæ цæуы.
Æвзæрстгæнджыты активондзинад 12:00 сахатмæ, натиа Иоселианийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, 12:00 сахатмæ æвзарæнон фадгуытæм бацыд 14 309 (7,76%) æвзæрстгæнæг.
«Бæрæггæнæнтæ кæцытимæ ацытæккæ æрзонгæ стæм, бæлвырд æвдисынц, цæмæй æвзæрстгæнджыты активондзинад ацы рæстæгмæ бæрзонд у. Уымæ æмбæлгæйæ дæр махæн зынæмбарæн æмæ нæрасгæ у медиайы ахæлиугонд иуæй-иу политикон партийы минæвæртты фидиуæнтæ, цæвиттон активондзинад ныллæг у, æмбæстæгтæ бойкот сидынц æвзæрстытæн æмæ электронон аппараттæ нæ кусынц. Афтæма цæвиттон æвзæрстгæнджытæн электронон фæрæзтæй хъæлæскæнын зын кæны, уый у барæй дезинформацийы архайд, кæцыйæн йæ нысан у æхсæнады рæдыды бафтауын æмæ æвзæрстгæнæн процессы дискредитацидзинад» – райхъусын кодта Натиа Иоселиани.