ЦÆК – кæд æрхаххгонд у иуæй фылдæр кандидат, ничи у банысангонд  кæнæ алчидæр хаххгонд сты, уæд бюллетень фæмæнг уыдзæн
ЦÆК – кæд æрхаххгонд у иуæй фылдæр кандидат, ничи у банысангонд кæнæ алчидæр хаххгонд сты, уæд бюллетень фæмæнг уыдзæн

Централон æвзарæнон камисы  информацийæ, бæстæйы масштабæй  алы фадыг  сæумæрайсомы 08:00 сахатыл байгом ис. Исты къуылымпыдзинады фæдыл  информаци ЦÆК-мæ нæ бацыд.  Æвзарæнон администрацийы æмбарын кæнынц,  цæмæй  хъæлæскæнынады  процесс бæстæйы масштабæй  сабыр уавæрты цæуы. Цыдæриддæр та халлæппæрсты  порцедурæмæ æххæссы,  ЦÆК-ы информацийæ,   алы æвзарæнон  фадыгыл   хъæлæскæнынмæ æмбæлон инструкци  ис  вæрд, уый  нымæцы  бюллетенты  баххæст кæныны  фæткæвæрды фæдыл дæр.

«Æвзæрстгæнæгмæ лæвæрд  цæуы иу  æвзарæнон бюллетен, кæцыйы мидæг уый   хъуамæ  æрхахх кæна  уымæн фæндон   æрмæст иу  канидадты   номыр.  Уыцы  цауы кæд æмæ  хаххгонд у иуæй  фылдæр  кандидаты номыр, ахаххгонд у  алы кандидат, кæнæ иунæг   кандидаты  номыр дæр нæу банысангонд. Уæд ахæм бю\ллетентæ  нымад цæудзысты   фæмæнггондтыл æмæ  æцæг хъæлæстыл нымад нæ цæуыдзысты» – райхъусын кодта  Централон Æвзарæнон Камисы   пресс-спикер  Ана Микеладзе  сæрмагонд брифингыл.