ЦÆК – фæсарæнты уæвæг æвзæрстгæнджытæн уæлæмхасæй байгом уыдзæн авд æвзарæнон фадыджы
Централон æвзарæн къамисы уынаффæмæ гæсгæ, 26 октябры парламентон æвзæрстытæн фæсарæнты цæрæг æвзарджытæн байгом уыдзæн авд уæлæмхасæн фадыджы. Æмбæлон указ æмхъæлæсæй райста ЦÆК абон уагъд æмбырды.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, уæлæмхас æвзарæн фадгуытæ саразыны бындурæн фæсарæнты æвзарджыты фæдыл ноггонд бæрæггæнæнтæ ссисты, кæцытæ ЦÆК райста æмæ бакуыста фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæй æмæ æндæр профилон уагдæттæй. Ныртæккæ фæсарæнты хъæлæс кæныны бар кæмæн ис, уыцы æвзарджыты нымæц у 95 834 адæймаджы.
«Æвзарджыты нымæц фæфылдæр кæнынмæ гæсгæ, Америкæйы Иугонд Штатты – Нью-Йоркы арæзт æрцыдысты уæлæмхасæн æвзарæн фадгуытæ; Германы Федералон Республикæйы — Берлин; Испанийы Паддзахады — Барселонæйы; Италийы Республикæйы — Ромы; Грецийы Республикæйы – Афинæты æмæ Салоникæйы; Францы Республикæйы – Париж.
Æдæппæтæй фæсарæнты æвзарджытæн лæггад кæндзысты 42 бæстæйы 67 æвзарæн фадыджы. Информацийæн, закъондæттынадмæ гæсгæ, фæсарæнты æвзарæнон фадыг арæзт цæуы 50-æй къаддæр æмæ 3000-æй фылдæр нæу æвзарæгæн, кæцытæ сты консулон регистрацийы. Гуырдзыстоны æвзарæнон закъондæттынад нæ дары йæ зæрдыл æндæр регуляци фæсарæнты цæрæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты æвзæрстыты хайадисты фæдыл», – ис фыст ЦÆК-ы рапарахатгонд информацийы.