ЦÆК - æвзарæнон технологитæй спайдайæ имитацигонд хъæлæскæнынады хайад райстой 122 864 æвзæрстгнæг
Æвзарæнон технологиты фæрцы имитацигонд ъæлæскæнынады хайад райстой 122 864 æвзæрстгæнæг. Электронон æвзæрстыты тыххæй æвзæрстгæнджыты информир кæныны ноджы иу масштабон проект знон сыххæст ис. Информаци уый фæдыл ЦÆК хъусын кæны.
Уагдоны хъусинагæй, имимтацигонд хъæлæскæнынад, кæцыйы хайад райсын кæцыфæнды æвзæрстгæнæгæн уыд, æвзарæнон администраци æгас бæстæйы масштабæй 598 æвзарæнон фадыгыл, сæ нымæцы эникон къаддæрдæртæ компактонæй цы регионты цæрынц уым ауагъдта.
«Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй Гуырдзыстоны сыххæст æвзарæнон реформæйы фæстиуæгæн, парламенты радон æмæ фæдылдзог алы æвзæрстытæ æвзарæнон технологиты фæрцы ацæудзысты. 26 октябры æвзæрстгæнджыты, зæгъæн ис, 90% æвзарæнон тезнологиты фæрцы райсдзæн хайад æвзæрстыты. Ивд цæуы æвзæрстгæнæджы верификацийы (регитсрацийы) æмæ хъæлæскæныны процедурæтæ. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, технологион ногдзинæдты фæдыл æвзæрстгæнджыты информирдзинад æмæ ахуырад æвзарæнон администрацийы иуæйиу сæйраг приоритет у. ацы рæстæгмæ æвзарæнон администрацийы инфомацион кампанийы фæстиуæгæн информиргонд сты 600 000-æй фылдæр æвзæрстгæнæг», – дзырдæуы ЦÆК-ы ахæлиугонд информацийы.