ЦÆК- æвзарæнон администраци алцыппæт аразы æвзæрстыты модернизацийы процессы æнтыстæн, ацы фоныл, кампанийы хуыз ис электронон æвзæрстытыл дезинформацийы хæлиукæнынад
Æвзарæнон технологитæ кæцыты æвзарæнон администраци 2024 азы парламенты æвзæрстытыл спайда кæндзæн, æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлон у. Ахæм у хатдзæг, кæцы электронон фæрæзты аудиты хыгъдлæвæрды фæстиуæгæн уыд публикацигонд – уый фæдыл Централон Æвзæрстгæнæг Комиссийы сæрдары хæдивæг Гиорги Шарабидзе абон лæвæрд брифнгыл райхъусын кодта.
Шарабидзе куыд банысан кодта афтæмæй, ЦÆК алцыпæт аразы процессы æнтыстджынæй, æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæйæ сыххæст кæнынæн, фæлæ йæ дзырдæй, ацы фоныл, нырид кампанион хуыз исы электронон æвзæрстыты фæдыл дезинформацийы ахæлиу кæнын.
Афтæма йæ дзырдæй, æвзæрстгæнæн администраци æнæреакцийæ нæ ныууадздзæн дезинформацийы æмæ гæдыдзинады иунæг факты æмæ активон информацион кампанитæй йæ къух аразынц æхсæнадæн объективон æмæ æъъæст информаци бадæттынæн.
«27 октябры хуызæн деструкцион фактты рафæлхатты цауы та, æвзарæнон администраци æркæсдзæн конкретон уæнгтимæ æмгуыстады фарста æмæ ахæм провокацитæ схафыны нысанæй, сыххæст кæндзæн закъоны фæлгæтты æмбæлгæ реакци» – райхъусын кодта Гиорги Шарабидзе.