ЦÆК æвзæрстгæнджытæм сиды, рабæлвырд кæной бæрæггæнæнтæ æвзæрстгæнджыты иумæйаг номхыгъды æмæ базоной, кæм хъуамæ схъæлæс кæной
26 октябры Гуырдзыстоны парламенты æмæ сакребулойы астæуккаг æвзæрстытæ ацæудзæн. Æвзæрстгæнджыты зæгъæн ис 90% хъæлæс кæндзысты электронон технологиты фæрцы. ЦÆК æвзæрстгæнджытæм сиды, рабæлвырд кæной бæрæгггæнæнтæ, æвзæрстгæнджыты иугонд номхыгъды æмæ базоной, кæм хъуамæ схъæлæс кæной.
«Æвзарæнон реформæйы фæлгæтты. Æвзарæнон фадыгыл æвзæрстгæнджыты нымæцы уæллаг арæны рæзты тыххæй, райрæзтис иуæй-иу æвхарæнон фадыг. Уымæ æмбæлгæйæ, æвзæрстгæнджыты хайы, ацы æвзæрстытыл схъæлæс кæнын ивгъуыд æвзæрстытæй хъауджы локацитыл бахъæудзæн. Уый тыххæй нысаниуæгджын у æвззæрстгæнæг афоныл рабæлвырд кæна сæрмгаонд бæрæггæнæнтæ æмæ рагафон зона кæм ис йæ æвзарæнон фадыг» – хъусын кæнынц ЦÆК-ы.
«Афтæма сæ информацийæ, æвзæрстгæнджыты номхыгъды ивддзинады æркурын 8 октябр хынцгæйæ ис гæнæн.
«Нысаниуæгджын у цæмæй веб-фарсыл « voters.cec.gov.ge » этникон къаддæрдæрты компактонæй цæрæн регионты цæрæг æвзæрстгæнджытæн ЦÆК веб-фарсыл æвзæрстгæнджыты иугонд номхыгъды сæрмагонд бæрæггæнæнты рабæлвырд кæнын сæ бон у азербайджайнаг æмæ сомихаг æвзæгтыл» – банысан кодтой ЦÆК-ы.
ЦÆК-ы хъусинагæй, оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийæ тыхбын бынативгæ уæнг, кæд йæ регистрацийы адрис, Гуырдзыстоны æмбæстагы æвдисæнгæзхæтты кæнæ агентады бæрæггæнæнты базæмæ гæсгæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийыл ис, æвзæрстгæнджыты номхыгъдмæ бахæссынц йæ фактон цæрæн бынатмæ гæсгæйæ.