ЦÆК – 20:00 сахатмæ, æвзæрстгæнджыты активондзинад уыд 56.11 процент
20:00 сахатмæ, æвзæрстгæнджыты активондзинад уыд 56.11 процент, кæцы нымæцонæй у 1 970 540 æвзæрстгæнæджы æрц – уый фæдыл Централон Æвзрæстгæнæн Комиссийы пресс-спикер, Анна Микеладзе, хъæлæскæныны процесс фæуды фæстæ лæвæрд брифнгыл фехъусын кодта.
Афтæма йæ информацийæ, зæгъгæ сегасдæр бæрзонд активондзинад сфиксир ис Рачъа_Лечхумы æмæ Сванеты, æрмæст сегасдæр ныллæг – Квемо Картлийы регионы.
Регионтæм гæсгæ, активондзинад афтæ рабæрæг ис:
Рачъа-Лечхум æмæ Дæллаг Сванет – 63.8 процент, Квемо Картли – 51%, Тбилис- 54 процент, Ачъара – 59.1 процент, Гуриа – 61.1 процент, Имерет – 56.8 процент, Кахет – 59.3%, Мцхета-Мтианет – 60.6 %, Самегрело-Уæллаг Сванет – 54.7%, Самцхе-Джавахеты – 60.8 процент, Шида Картли -58 процент.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, боны дæргъы хъæлæскæныны процессмæ гæсгæ, зылды æвзарæнон комисситæм бацыд 289 хъаст.
Анна Микеладзейы фидиуæнæй, хъастыты фылдæр уыдысты процедурон аиппыты фæдыл, цахæмдæр у, контролон сыфы æнæрастæй баххæст кæнын, маркировкæимæ баст фæткæвæрды саст æмæ а.д.