Гуырдзыстоны Централон Æвзарæнон Камис парламенты æхсæйнаг муниципалитетты мэрты уæлрадон æмæ сакребулоты æхсæйнаг æвзæрстыты кандидатты номыртæ фæбæрæг кодта.
ЦÆК-ы уагъд брифингыл æвзарæнон камисы пресс-спикер Ана Микеладзе куыд райхъусын кодта афтæмæй, уый тыххæй цæмæй зæгъгæ, 19 майы уагъд æрцæудзæн æртæ æндæр æмæ æндæр хуызы æвзæрстытæ, ЦÆк ахицæн кодта, цæмæй æвзарæнон субъектæн, кæд уый æндæр æмæ æндæр хуызы æвзæрстыты исы хайад, иу номырæй пайда кæныны фадат уа.
«Закъондæттынадмæ æмæ уæлдæр банысангонд барамындмæ гæсгæ, æвзарæнон субъекттæн кæцытæм искæцы æндæр хуызы æвзæрстыты раздæр истой хайад æмæ сæм уыд номыр, 19 майы кæцфæнды хузы æвзæрстыты, се ркуырдты бындурыл, лæвæрд æрцæуæт раздæры номыртæ, иннæ æвзарæнон субъекттæм та халæппæрсты уагæй лæвæрд æрцæуæт номыртæ.
Гуырдызстоны парламенты №1 мажоритарон бæстæйы æхсæйнаг æвзæрстыты, кæцыты администргæнæг у Мтацъминдайы бæстæйон æвзарæнон камис, хайад райсты нысанæй регистрацийы уагъд сты 16 политикъон партий, иу æвзарæнон блокъ æмæ æхсæз инициативон къорд. Парламенты депутаттæм мажоритар кандидатты бавдисын æппæтыкæрон æмгъуыд у 19 апрель.
Уымæй дарддæр ма, аст муниципалитеты сакребулойы æхсæйнаг æвзæрстытæм регистрацигонд сты 18 политикъон парти æмæ æхсæз иниициативон къорд, æрмæст фондз муниципалитеты мэртæм уæлрадон æвзæрстыты хайад райсты нысанæй регистраци ацыдысты 18 партий æмæ фараст инициативон къорд.
Сакребулойы æхсæйнаг æмæ мэртæм уæлрадон æвзæрстыты хайад райсты нысанæй кандидатты бавдисынæн æппæтыкæрон æмгъуыд у 19 апрель»- райхъусын кодта Микеладзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, инициативон къордты бавдыст кандидаттæн номыртæ, фæбæрæг кæндзысты æмбæлон бæстæйон æвзарæнон камистæ.
Микеладзейы фидиуæнæй, 19 майы æвзæрстытыл, регистраци ацыд 18 бынæттон æнæхицауадон организаци, авд медийы, æмæ æртæ æхсæнадæмон организаци.
Фараст æвзарæнон субъект, кæцытæ халæппæрсты фæстиуæгæн номыртæ райстой:
- «Гуырдзыстоны хъомысджын ветеравнты партий» – 33;
- «Сæрибар Гуырдзыстон» – 9;
- «Адæмон партий»-40;
- «Змæлд Социалон Рæстдзинадæн» – 24;
- «Змæлд Сæрибар Гуырдзыстонæн» – -21;
- «Гирчи» – 35;
- «Националон Демокративон Партий»-38;
- «Националон Гуырдзыстон Сæрибар Демократтæ» -13;
- «Чырыстон Демократтæ» – 39.