Цæгат Кореяйы сæйраг дипломат шведаг коллегæимæ æруынаффæ кодтой Дональд Трампы æмæ Ким Чен Ыны гæнæн фембæлды фарстыл
Цæгат Кореяйы фæсарæн хъуыддæгты министр Ри Йонг, Швецимæ æртæбонон визиты фæстæ, Пхеньянмæ æрыздæхт.
Стокгольмы шведаг коллегæимæ, Маргот Вальстромимæ йе бадзырдты темæ, Кореяйы æрдæгсакъадахыл æдасдзинады фарстытæ æмæ АИШ-ы президент Дональд Трампимæ Цæгат Корреяйы лидер КИ Чен Ыны гæнæн фембæлдмæ бындур бацæттæ кæнын уыд.
Швеци у иуæй-иу бæстæ, уыцы цалдæр бæстæйы хæсæн, цы ран гæнæн ис дыууæ лидер прецедент кæмæн нæй ахæм фембæлд сырæза.
Ри Йонгы визиты размæ, Швецийы премьер-министр Стефан Левен ацы æнхъæлцы фæдыл комментари сарызта æмæ банысан кодта, цæмæй кæд АИШ-æ æмæ Цæгат Корея, Швецийы нымайынц бадзырдты процессы ахаззаг факторæй, уæд уыдон зæгъгæ цæттæ сты процессы хайад райсой.
Дональд Трмап æмæ Ким Чен Ын кæрæдзæиимæ гæнæн ис майы фембæлой.