Цæгат æмæ Хуссар Кореайы лидертæ ядерон хæцæнгарзы нейтрализацийыл бадзырдтой

Цæгат æмæ Хуссар Кореайы лидертæ ядерон хæцæнгарзы нейтрализацийыл бадзырдтой

Ким Чен Ин æмæ Мун Дже Ины фембæлды фæстæ зындгонд ссис, цæмæй ацы азы кæрон 65-азон быцæудзинады фæстæ, Кореайы хæсты формалон фæуд расиддзысты æмæ фарсыты æхсæн сабырадон бадзырдыл æрцæудзæн къухффст.

Демилитаризгонд зонайы 30 минутон фембæлды фæстæ, иумæйаг деклараци рапарахат ис, кæцыйы ис фыст, цæмæй Кореайы æрдæгсакъадахыл хæст нал уыдзæн æмæ ног эра райдыта.