Быцæудзинад парламенты бæстыхайы раз цæуæг акцийыл – [фото/видео]

Парламенты  бæстыхайы  раз цæугæ  акцийы  сырæзт быцæудзинад.  Акцимæ  бацæуæг  иуæй-иу  æвзонг  банысан кодта,  цмæйæ  йæ зæгъгæ  фæндыд  акцийыл  дзырдæй ралæууын.  Фæлæ  журналисттæн куыд фехъусын кодта афтæмæй,   уый  фадат йын нæ раттой  æмæ йæ  ПÆК-ы  агентæй схуыдтой.

Быцæудзинады  рæстæджы,   йæ ныхæстæм гæсгæ,   акцийы  иуæй-иу хайадсæг йыл дон бакалдта.

«Æрбацыдтæн сабырæй,   фæндыд мæ  мæ хъуыды сфиксир кæнын,   дон мыл æрбакалдтой æмæ мæ  ПÆК-ы  агентæй схуыдтой.  ПÆК  цы у  – уый  дæр нæ зонын.  Иунæг   организациы  уæнгдæр нæ дæн. Æз дæн  фæллад, сайд  æмæ тарст  æвзонгты  организацийы минæвар.  Алкæй дæр фæнды  бæстæйы  уа  рæстдзинад, фæлæ  ардæм нæ цæуынц, уымæн æмæ  чидæртæн ис  политикъон нысæнттæ» – банысан кодта  акцийы  хайадисæг.

Бынатыл ситуацийы  æрнымæг  кодтой  патрулон полицийы  кусджытæ.  Æвзонг лæгы  барадхъахъъæнджытæ  территорийæ ракодтой.