Брюсселы официалон визитæй уæвæг Гиорги Гахариа Азербайджаны æмæ Сомихыстоны æхсæн æвсæддон быцæудзинады фæдыл фидиуæн аразы
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа Азербайджаны æмæ Сомихыстоны æхсæн радон æфсæддон быцæудзинады фæдыл фидиуæн аразы.
«Азербайджаны æмæ Сомиыхстоны æхсæн радон æфсæддон быцæудзинады фæстиуæгæн сырæзт уæззау уавæр, ис стыр нымæцæй амæттаг æмæ хъыгагæн, хæстон архайдты бауромынæ æм æдиалог сног кæнын ацы афонмæ не нтысы.
Алчи дзæбæх æмбарæм, цæмæй уавæры дарддæры эскалаци иттæг негативонæй бандавдзæн æппæт регионы æдадсзинадмæ.
Здæхæм OSCE-йы Минскы къорды æмсæдæрдæттæм æмæ æхсæнадæмон актортæм, максималонæй спайда кæной цы фæрæзтæ сæм ис уый æппæтæй, эскалаци бауромынæнæ æмæ диалог сног кæнынæн.
Зондзыстут æй, нæ бæстæйæн хæларсыхагон ахастытæ ис дыууæ дæр бæстæимæ- Азербайджаним æмæ Сомихыстонимæ.
Историонæй Гуырдзыстоны цæрæг азербайджайнаг æмæ сомихаг нæхи æмбæстæгтæ, кæддæриддæр стыр рол æххæст кодтой куыд нæ бæстæйы, афтæ æнæхъæнæй регионы райтынгы æмæ размæцыды. Уымæй дарддæр ма сæ сабырадон æмцард хорз дæнц у, цæмæй гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ æмæ азербьайджайнæгтæм нын ис потенциал æнæхъæнæй Хуссар Кавказ скæнæм сабырады æмæ райтынгы тыгъдадæй.
Нæ иумæйаг интерес у, куыд гæнæн ис афтæ тагъ æрфидар уа сабырдзинад регионы. Гуырдзыстон цæттæ у цыфæнды формæйæ, баххуыс кæна ацы процессæн, уый нымæцы диалогы гы нысанæн, сфысым кæна конфликты фарсыты минæвæртты фембæлдæн Тбилисы» – хъусын кæны Гиорги Гахариа, кæцы Брюсселы ис официалон визиты фæлгæтты.